Lyrics

Бæстæтæ бирæ сты, дуне — уæрæх Цард цы рӕвдауы фæрнæй Фæлæ дӕ хуызӕн, мӕ Райгуырæн зæхх Ацы стыр дунейыл нӕй Балцы уон искуы, хæстæг æви дард Амонд мæ хурмæ хæссы Æмæ Ирыстон цыма у мæ мад Афтæ мæ фæдыл кæсы Балцы уон искуы, хæстæг æви дард Амонд мæ хурмæ хæссы Æмæ Ирыстон цыма у мæ мад Афтæ мæ фæдыл кæсы Бауарзтон раджы нæ фæндыры цагъд Ме уæнгты рог цин зылди Арвæн йæ бæрзæндты урс цæргæс тахт Уый кæд мæ зæрдæ уыди Балцы уон искуы, хæстæг æви дард Амонд мæ хурмæ хæссы Æмæ Ирыстон цыма у мæ мад Афтæ мæ фæдыл кæсы Ирæн йæ куывды бон — цин æмæ хъазт Амонд Хуыцауæй куырдтон Ам æз мæ сыгъдӕг, мӕ сызгъæрин уарзт Дзуӕрдтӕн иронау дзырдтон Балцы уон искуы, хæстæг æви дард Амонд мæ хурмæ хæссы Æмæ Ирыстон цыма у мæ мад Афтæ мæ фæдыл кæсы Балцы уон искуы, хæстæг æви дард Амонд мæ хурмæ хæссы Æмæ Ирыстон цыма у мæ мад Афтæ мæ фæдыл кæсы Æмæ Ирыстон цыма у мæ мад Амонд мæ цардмæ хæссы
Lyrics powered by www.musixmatch.com
instagramSharePathic_arrow_out