Credits
AUSFÜHRENDE KÜNSTLER:INNEN
Nati Tedeeva
Künstler:in
KOMPOSITION UND LIEDTEXT
Народные
Texte
Songteksten
Ахæм мойы скæнин æз…
Уæртæ мын авд хохы фале
Залиаг калм цыкурайы фæрдыгæй хъазы,
Уый арвайдæн у, арвайдæн!
Уый мæнæн чи ’рбахæссид,
Уый уаид мæнæн мæ цардæмбал…
Авд æфсымæрæн уыди зыбыты иунæг хо,
Дунейы рæсугъд, æмæ мой кæны.
Ахæм мойы скæнин æз…
Уæртæ мын Хъæриу-хохы сæрæй
Авд суадоны цы фурдмæ хауынц,
Уым садтан бабызтæ сæхи найынц!
Уыдонæй мын чи ’рбахæссид,
Уый уаид мæнæн мæ цардæмбал…
Авд æфсымæрæн уыди зыбыты иунæг хо,
Дунейы рæсугъд, æмæ мой кæны.
Ахæм мой ма скæнин æз…
Уæртæ дам сау денджызы астæу
Сакъадахæй сау рувас цæуы,
Уый царм мæнæн æвцæгкотæн чи ’рбахæссид,
Æз уымæн раттин разыйы дзуапп
Уый уаид мæнæн мæ цардæмбал…
Авд æфсымæрæн уыди зыбыты иунæг хо,
Дунейы рæсугъд, æмæ мой кæны.
Рараст хæххон цуанон, рараст.
Сынты базыры хуызæн æфсургъыл
Баппæрста йæ саргъ, йæ нымæт, лæппутæ!
Гъеныр дунейы рæсугъд уымаен разыйы дзуапп куы раттит,
Уый уымæн уæларвæй стъалы раскъæфит.
Уæй, дæлдзæхæй йын æнусон цард раскъаефит.
Гъе ныр фарн хъусджытæ
Æмæ гъе уыдоны ’рцыдмæ дзæбæхæ й фæцæрат ой !
Слова и музыка народные
Written by: Nati Tedeeva