Clip vidéo

Apparaît dans

Paroles

Терчы бабызтæ куы 'рбамбырд вæййынц ой Куыннæ дзы вæййы бæлоны хуызæн ой Иры лæппутæ куы 'рбамбырд вæййынц ой Куыннæ дзы вæййы мæноны хуызæн ой Тар хъæды бæлас нын калын нæ комы ой Куы кала, уæддæр хъæды кæронмæ ой Нанайы буц чызг нын моймæ нæ комы ой Куы кома, уæддæр хъæуы кæронмæ ой Горæты сæрмæ хъæдуры гага ой Æппынæдзухæй йæ хъæдыл лæууы ой Мæнæн мæ уарзон – мæ уды гага ой Æппынæдзухæй мæ зæрдыл лæууы ой Горæты фаетон – къареты хуызæн ой Тæхуды йемæ цæуынæй бафсæд ой Мæнæн мæ уарзон – къафеты хуызæн ой Тæхуды йемæ цæрынæй бафсæд ой Терчы бабызтæ куы 'рбамбырд вæййынц ой Куыннæ дзы вæййы бæлоны хуызæн ой Иры лæппутæ куы 'рбамбырд вæййынц ой Куыннæ дзы вæййы мæноны хуызæн ой
Lyrics powered by www.musixmatch.com
instagramSharePathic_arrow_out